17 Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.
Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый та фесӕфдзӕн.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕхи фыдбылызтӕй хъахъхъӕны.
Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.
Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.
Фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Йӕ зӕрдӕйӕн адджын у.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.
Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ чи бабын вӕййы, уыдонӕй не стӕм: мах ӕууӕндӕм ӕмӕ ирвӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ.
фидар хӕцут Хуыцауы уарзтыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ, мыггагмӕйы цардӕй куыд схайджын уат, афтӕ.
Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,
Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.