15 Паддзахӕн йӕ рухс цӕстӕнгасы — цард, йӕ хӕрзаудӕн — уалдзыгон тӕрккъӕвда.
Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.
Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.
Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.
Сӕрыстырдзинад фӕрдгуыты халау сӕ хъуырыл ӕртыхсти, сӕ дарӕс — ӕгъатырдзинад.
Паддзахы маст — мӕлӕты уацхӕссӕг, фӕлӕ йӕ куырыхон басабыр кӕны.
Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.
Бирӕтӕ бӕллынц бӕстӕйы хицауы хорз зӕрдӕйы ахастмӕ, фӕлӕ адӕймагӕн Дунедарӕг у тӕрхонгӕнӕг.
Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».
Лӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, цӕмӕй уын афоныл къӕвда ратта. Дунедарӕг сфӕлдисы тӕрккъӕвдатӕ, ратты уын сахкъӕвдатӕ, алкӕмӕн йӕ хоры ӕвзартӕ ссӕуын кӕны.
Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ, Дӕ цӕсгомы раз мӕ байдзаг кӕндзынӕ цинӕй“.