Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 16:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Паддзӕхтӕ фыдракӕндтыл ӕлгъ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ паддзахы бадӕн раст зондӕй сфидар вӕййы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 16:12
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ паддзахдзинад ӕрфидар кодта. Иудейӕгтӕ йын иууылдӕр хастой лӕвӕрттӕ, ӕмӕ Иосафат сси тынг хъӕздыг ӕмӕ номдзыд паддзах.


Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.


Паддзӕхтӕн раст ныхас ӕхсызгон у, ӕцӕгдзинад чи дзуры, уыдоны уарзынц.


Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн; тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.


ӕнӕхуыцауы паддзахы цурӕй аиуварс кӕн, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн раст зонды фӕрцы сфидар уыдзӕн.


Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.


Паддзах мӕгуыртӕн раст тӕрхон куы кӕна, уӕд йӕ паддзахы бадӕн мыггагмӕ фидар уыдзӕн.


Паддзах раст тӕрхонӕй бӕстӕ сфидар кӕны, гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ мӕгуырмӕ ’ртӕры.


Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.


ахӕм митӕ чи кӕны, уыдонӕй алчидӕр, алы фӕлитой дӕр, ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн.


Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan