5 Ӕдылы йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары, уайдзӕфтӕм лӕмбынӕг чи хъусы, уый зондджын у.
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»
Мӕ уайдзӕфтӕм мын уе ’ргом куы раздахиккат, уӕд уӕ ӕз схайджын кӕнин мӕ монӕй, мӕ ныхас уын фехъусын кӕнин.
Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.
Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.
Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона, иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.
Сабыр ныхас — царды бӕлас, сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.
Рӕстуды хӕдзары бирӕ хӕзнатӕ ис, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг фыдбылыз ӕрхӕсдзӕн.
Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.
Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.
Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сын бауайдзӕф кӕн карзӕй, цӕмӕй раст уырнындзинадыл хӕцой
Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын уайдзӕф кӕн барджынӕй, цӕмӕй дыл ӕнӕввӕрсон мачи уа.