27 Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
ӕмӕ уый йӕ хӕрӕгыл саргъ авӕрдта, Ахиш-паддзахмӕ Гаты сахармӕ йӕ цагъарты агурӕг араст ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакодта.
Уӕдӕ Нееманы хъотырниз дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддагыл бахӕцӕд мыггагмӕ!» Ӕмӕ Гиези куыддӕр феддӕдуар, афтӕ йӕ буар иууылдӕр урс адардта хъотырӕй.
Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты.
Ахӕм сты, искӕй мулкмӕ чи бӕллы, уыдоны фӕндӕгтӕ: сӕхӕдӕг сӕхи бабын кӕнынц.
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый цӕрдзӕн, фыддзинады фӕдыл чи згъоры, уый мӕлӕтмӕ тырны.
Йӕ хӕдзарыл фыдбылыз чи ӕфтауы, уымӕн йӕ хай — дымгӕ; ӕдылы лӕггад кӕндзӕн куырыхонӕн.
Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.
Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай, уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.
Хъӕздыгдзинады фӕдыл ма згъор, кӕд ӕрлӕууын хъӕуы, уый зон;
Бӕстӕйы хицау цас ӕдылыдӕр уа, уыйас адӕмы фылдӕр ӕфхӕры, фӕлӕ кӕрӕфдзинад ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый хицауиуӕг бирӕ кӕндзӕн.
Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.
Паддзах раст тӕрхонӕй бӕстӕ сфидар кӕны, гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ мӕгуырмӕ ’ртӕры.
Хуыргарк, йӕхӕдӕг кӕй не ’рӕфтыдта, уыцы ӕйчытыл къуыртты фӕбады. Уый ӕнгӕс у, мӕнгард миты фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыцы адӕймаг. Йӕ кары тӕмӕны алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн ӕмӕ ӕдылыйы бынаты баззайдзӕн.
Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.
Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.
Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.
Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй дзы цы ссарат, уыдон суӕнт Дунедарӕджы уаз хай — ӕфснайд ӕрцӕуӕнт Йӕ хӕдзары хӕзнадоны».
Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».