19 Зивӕггӕнагӕн йӕ фӕндаг — сындзытӕй йедзаг, рӕстудты фӕндаг лӕгъз у.
Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!
Ӕз та Де стыр хорзӕхы фӕрцы бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ, Дӕ Кувӕндоны, аргъуыцгӕнгӕ, бакувдзынӕн.
Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл, ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.
Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.
Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.
Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»
Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Магуса дзуры: «Фӕндагыл — домбай! Уынгты зилы домбай!»
Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.
Магуса! Ацу-ма мӕлдзыгмӕ, ӕмӕ, куыд архайы, уымӕ бакӕс, йӕ уӕлзондыл ын сахуыр у.
Зондджын мын мӕ ныхӕстӕ ’мбары, зонынадӕй чи схайджын ис, уый сӕ растыл нымайы.
Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат, уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут: «Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!»
Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.
Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн айгӕрдут фӕндаг! Айгӕрдут ӕмӕ йӕ слӕгъз кӕнут, иунӕг цӕлхдур дӕр ыл ма ныууадзут!»