15 Ӕнамонд адӕймаг цӕрӕнбонты — ӕрхӕндӕг, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕ та алы бон дӕр — куывд.
Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдтыбӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъарӕг кодта йӕ фыд.
Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».
Зӕрдӕ цин куы фӕкӕны, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы; зӕрдӕйы маст — уды хъынцъым.
Зондджыны зӕрдӕ зонынадмӕ тырны, ӕдылы та йе ’дылы зондӕй ӕфсӕды.
Фӕлтау дӕм бирӕ ма уӕд, фӕлӕ дӕм уӕд тас Дунедарӕджы раз, бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд уымӕн тӕрсыны бӕсты.
Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.
Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос, ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны.
Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.
Уӕ ныфс уын цины хос уӕд; зынтӕн фӕразут, ӕвӕллайгӕ кувут.
Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕппӕлӕм — Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс.
Нӕ зӕрдӕйӕн нын маст кӕнынц, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; цыбыркъух стӕм, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кӕнӕм; ницы нӕм ис, фӕлӕ алцӕмӕн хицау стӕм.
Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ кад куы раргом уа, уӕд.