Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 15:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 15:1
16 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ дӕр загътой иудейӕгтӕн: «Махмӕ сымахӕй дӕс хатты фылдӕр бартӕ куы ис, цӕмӕй Давид мах паддзах уа; ноджы ма уӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ дӕр куы стӕм, уӕд нӕ цӕмӕн бафхӕрдтат? Нӕ паддзахы фӕстӕмӕ раздахыны охыл дӕр фыццаг ныхас махӕй нӕ рацыди, ӕви?» Фӕлӕ дзыхӕй уӕддӕр иудейӕгтыл нӕ тых кодтой израилӕгтӕ.


Уыдон ын загътой: «Абон сын ды лӕггадгӕнӕг куы суай ӕмӕ сӕ лӕгъз ныхасӕй куы барӕвдауай, уӕд дын цӕрӕнбонты уыдзысты иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ».


Уыдон ын загътой: «Ацы адӕммӕ хӕлар цӕстӕй куы ракӕсай, сӕ зӕрдӕ сын куы балхӕнай ӕмӕ семӕ фӕлмӕн ныхас куы кӕнай, уӕд дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзысты».


Мӕ размӕ чи ралӕууа, уымӕн Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн. Арвы бын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты.


Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы, уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары.


Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.


Бирӕбыхст хицауы зӕрдӕ ӕртасын кӕны, фӕлмӕн ныхас стджытӕ дӕр сӕтты.


Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.


Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.


Ӕдзӕсгӕмттӕ сахар сызмӕнтынц, куырыхонтӕ маст басабыр кӕнынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan