6 Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.
Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,
Рӕстӕвдисӕн сайгӕ нӕ кӕны, мӕнгӕвдисӕн мӕнгдзинадӕй улӕфы.
Ӕдылыйӕ дӕхи дард лас — зондджын ныхас дзы нӕ фехъусдзынӕ.
Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы, куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.
Зондджынӕн йӕ цӕстӕнгас — уӕлзонды ’рдӕм арӕзт, ӕдылыйы цӕстытӕ зӕххы кӕрӕттыл зилынц.
Ӕдылы хъуыды кӕнын нӕ уарзы, фӕлӕ йын йӕхи зондджынхуызӕй равдисын йеддӕмӕ мацы ратт.
Ӕдылы не ’ххӕссы уӕлзондмӕ, сахары кулдуары цур йӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп не схауы.
Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы, ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ? Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.
Мӕ ныхӕстӕ иууылдӕр раст сты, сайд ӕмӕ мӕнгдзинад дзы нӕй.
Зондджын мын мӕ ныхӕстӕ ’мбары, зонынадӕй чи схайджын ис, уый сӕ растыл нымайы.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се ’ргом аздӕхтой, уӕд?
Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.