Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 14:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Уӕлзонд цӕры зондджыны зӕрдӕйы, ӕдылыты ’хсӕн бӕрӕг дары.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 14:33
10 Iomraidhean Croise  

Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.


Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы.


Раст зондахаст хорзӕхӕй схайджын кӕны, мӕнгардты фӕндаг сӕфтмӕ ’ркӕны.


Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.


Раст фӕндагыл цы адӕм цӕуынц, уыдонӕн сӕ номы кой айхъуысы, тӕригъӕд та сын — худинаджы хос.


Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.


Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.


Уӕлзонд дӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ зонынад дӕ удӕн ӕхсызгон уыдзӕн.


Ӕдылы йӕ маст нӕ уромы, куырыхон та йӕхиуыл хӕцын зоны.


Зондцух фӕндагыл куы фӕцӕйцӕуы ӕмӕ йын алы хъуыддаджы дӕр зонд фаг куы нӕ фӕкӕны, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’дылыдзинад раргом вӕййы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan