32 Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц, цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.
Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.
Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.
Йӕ къухтӕ ӕнаххос, йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн у, мӕнг хуыцӕуттыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ дардта ӕмӕ мӕнг ард чи нӕ хордта.
Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.
Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл, ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.
Уӕлзонд цӕры зондджыны зӕрдӕйы, ӕдылыты ’хсӕн бӕрӕг дары.
уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы ’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис, ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты.
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
Афтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йыл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфдзӕн ӕмӕ йӕ ничиуал фервӕзын кӕндзӕн.
«Бардарӕг Хуыцау, Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ ӕрвитыс ныр фарнимӕ:
Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут».
Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.
Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм.
Стӕм ныфсджын ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ нӕхи хӕдзары, Бардарӕгмӕ, ӕрцӕрын.
Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт — ме ’фтиаг.
Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.
Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.
Бардарӕг мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».