31 Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Мӕгуырты фӕндагӕй иуварс ассонынц, сӕхи сӕ бамбӕхсынц мӕгуыргуртӕ.
цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.
Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.
Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Мӕгуыр лӕджы ’фхӕргӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, хъӕздыгӕн та лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис.
Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.
Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.
Уӕ кӕрӕдзи-иу ма сайут, фӕлӕ тӕрсут уӕ Хуыцауӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа, йӕхи дарынхъом куынӕуал уа, уӕд-иу ӕм фӕкӕс, ӕрцӕуӕггагмӕ кӕнӕ, уе ’хсӕн рӕстӕгмӕ чи ’рцӕра, уымӕ куыд фӕкӕсис, афтӕ. Уадз ӕмӕ дарддӕр цӕра дӕ разы.
Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн».
Де ’фсымӕртӕй дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕй дӕр дӕ бӕстӕ, дӕ сахарты ӕххуырст, цыбыркъух ӕмӕ мӕгуыргурӕй чи ис, уыдоны ма ӕфхӕр.
Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе ’фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ.