30 Зӕрдӕ сабыр куы уа, уӕд буар дӕр ӕнӕниз уыдзӕн, хӕлӕгдзинадӕй стджытӕ ӕмбигӕ кӕнынц.
Уый йын загъта: «Изреелаг Навотӕн ской кодтон, дӕ сӕндон мын ӕвзистыл ратт, кӕд дӕ фӕнды, уӕд та дын йӕ бӕсты ӕндӕр сӕндон ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын уый дзуапп радта: „Мӕ сӕндон дын нӕ ратдзынӕн“».
Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.
Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Зӕрдӕ цин куы фӕкӕны, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы; зӕрдӕйы маст — уды хъынцъым.
Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос, ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны.
уӕд дӕ буар уыдзӕн ӕнӕниз, де стӕг — фидар.
Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.
Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.
Уыцы рагфыдӕлтӕ сӕ хӕлӕгӕй Йосефы ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ Хуыцау йемӕ уыд
Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;
Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.
Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?