29 Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.
Мӕстыгӕр ӕдылы митӕ бирӕ кӕны; мӕнгард лӕг адӕмӕн — ӕнӕуынон.
Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа, уӕд скадджын уыдзӕн, йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.
Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.
Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.
Бирӕзонаг ныхас кӕны хъавгӕйӕ, зондджын фидарзӕрдӕ у.
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уыцы адӕймаг, йӕ систӕ цы сахарӕн ныккалдысты, уый хуызӕн у.
Уӕлзондӕн аргъ кӕн, ӕмӕ дӕ бӕрзонд бынатмӕ сисдзӕн, дӕ хъӕбысы йӕ бакӕн, ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзӕн.
ӕдылыйы бӕрзонд сисынц, хъӕздыджы та ӕгады бынаты сӕвӕрынц;
Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдианӕй хуыздӕр у; сӕрыстыры бӕсты фӕразон у.
Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.
Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд.
Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.
Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.