Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 14:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа, уӕд скадджын уыдзӕн, йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 14:28
11 Iomraidhean Croise  

Рацу ӕмӕ дӕ ныхасӕй дӕ цагъарты зӕрдӕ фӕлӕууын кӕн. Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, куынӕ рацӕуай, уӕд дӕм ахсӕв иунӕг лӕг дӕр нал баззайдзӕн, ӕмӕ дын уый, ӕвзонгӕй нырмӕ дыл цы бӕллӕхтӕ ӕрцыди, ӕппӕт уыдонӕй дӕр фыддӕр уыдзӕн».


Йоав паддзахӕн загъта: «Адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ уый паддзах, мӕ бардарӕг, йӕхи цӕстӕй фенӕд. Фӕлӕ уӕддӕр паддзахы, мӕ бардарӕджы, афтӕ бакӕнын цӕмӕн бафӕндыд?»


Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн.


Йоахазмӕ ма ӕдӕппӕтӕй баззади дӕс хӕстон уӕрдоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз уӕрдонджыны, стӕй дӕс мин фистӕг хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сӕ Арамы паддзах ныддӕрӕн кодта.


Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас тынгдӕр рӕзти сӕ нымӕц. Мысырӕгтӕ тасы бацыдысты


Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».


Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн, уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.


Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.


«Акӕсут-ма, цӕгатӕрдыгӕй чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ! Кӕм ис дӕ рӕгъау ныр, дӕ диссаджы рӕсугъд фосы дзуг цы фӕци?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan