19 Фыдгӕнджытӕ ӕркъул уыдзысты хӕларзӕрдӕ адӕмы раз, ӕнӕхуыцӕуттӕ — рӕстуды кулдуары цур.
Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.
Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.
Иосафат загъта: «Елисей нын зӕгъдзӕни, Дунедарӕгмӕ мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый». Израилы паддзах, Йошафат ӕмӕ Едомы паддзах Елисеймӕ ацыдысты.
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.
Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Йӕ хӕдзарыл фыдбылыз чи ӕфтауы, уымӕн йӕ хай — дымгӕ; ӕдылы лӕггад кӕндзӕн куырыхонӕн.
Ӕнӕфендӕн йӕ хай — ӕдылыдзинад, зондджыны кады худ — зонынад.
Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.
Ӕнӕхуыцӕутты бассӕнддзыстут, ӕмӕ уӕ къӕхты бын рыг фестдзысты, Ӕз кӕй снысан кодтон, уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Ракодтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм ныххатыдысты, цӕмӕй сахарӕй ацӕуой.
Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.
Дӕ хӕдзаронтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕй-иу алчидӕр ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мӕ сауджыны раз ӕрзоныг кӕндзӕн ӕвзисты мур кӕнӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй ӕмӕ-иу ын зӕгъдзӕн: „Исты сауджынлӕггадыл мӕ бафтау, цӕмӕй мӕхицӕн къӕбӕр самал кӕнон“».