Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 14:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕнӕхин алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, фӕлӕ зондджын йӕ къахдзӕфтӕм лӕмбынӕг кӕсы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 14:15
16 Iomraidhean Croise  

Уӕд Давид хабархӕссӕг лӕппуйы бафарста: «Цӕмӕй зоныс ды Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны амӕлӕты хабар?»


Вирсави йын дзуапп радта: «Хорз, дӕ курдиат дын паддзахмӕ фӕхӕццӕ кӕндзынӕн».


Цыппар хатты мӕм ӕрбаминӕвар кодтой, ӕмӕ сын цыппар хатты дӕр уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтон.


Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.


Зондджын фыдбылызӕй тӕрсы, ӕмӕ дзы йӕхи хъахъхъӕны, ӕдылы та — нӕрӕмон ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.


Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.


Фыдлӕг фыдгӕнӕджы ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъусы, фӕлитой йӕ хъус дары зианхӕссӕг ӕвзагмӕ.


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ ’фхӕрд баййафы.


Дӕхицӕн раст фӕндаг айгӕрд, ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты ӕдас.


Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.


Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, тынг зондджын лӕджы, ӕввахсдӕр адӕмӕй иу. Сергий Павел фӕсидти Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ базонут, Бардарӕгӕн фӕндон цы у, уый.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan