13 Циндзинады дӕр зӕрдӕ фӕриссы, ӕмӕ цин раивы мастӕй.
фӕлӕ дын фӕстӕдӕр скъӕлдзойау мастад скӕндзӕн, дыкомыг цирхъ дын фестдзӕнис.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».
Ӕз загътон: «Худын та цы у? Ӕррадзинад ӕрмӕстдӕр, ирхӕфсӕнтӕй ницы пайда ис».
Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.
Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин — хъыгӕй.