9 Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы, фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.
уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса.
Ӕнаккӕгты зынг арӕх ахуыссы, бӕллӕхы арӕх бахауынц? Хуыцауы фыдӕх сӕ арӕх баййафы?
Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ, арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад.
Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс.
Фырт ын кӕй нӕй, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ фесӕфа нӕ фыды ном йӕ мыггагӕй? Хай нын скӕн нӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн».
Уӕд паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ, аппарут. Уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс“.
Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“.