8 Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.
Йерусалимӕн ратардта йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр, ӕлдарӕй, ӕфсады хицауӕй — иу-дӕс мины бӕрц. Ноджы ма — хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырдты. Ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр мӕгуырты.
Ӕрмӕст мӕгуыр адӕмӕй иу къорды бӕрц ныууагъта сӕндонгӕстӕ ӕмӕ хуымгӕнджытӕй.
«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.
Науӕд та хицау йӕхи царды ныхмӕ бафидӕд, цас дзы бацагурой, уыйас.
Иуӕй-иу йӕхицӕй хъӕздыг аразы, афтӕмӕй йӕм мур дӕр ницы ис, кӕмӕндӕр та йӕ исбон — бирӕ, фӕлӕ йӕхи мӕгуыр хоны.
Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы, фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.
Куырыхонӕн йӕ кады худ — йӕ хъӕздыгдзинад, зондцух йӕхи йе ’дылы зондӕй сфӕлынды.
Ницавӕр фиддоныл сразы уыдзӕн, цасфӕнды лӕвӕрттӕ йын куы кӕнай, уӕддӕр разыйӕ ницӕмӕй баззайдзӕн.
Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта.
Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд». Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта.
Дӕ зӕххыл дын ныууадздзынӕн мӕгуыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы, уыдон сӕ зӕрдӕ дардзысты Дунедарӕджы номыл.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та — дарӕсӕй.