Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 13:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы, тӕригъӕдджыны йе ’наккагдзинад фесафы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 13:6
14 Iomraidhean Croise  

Соломон загъта: «Кӕд ӕууӕнкджын лӕг разына, уӕд йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн. Намӕ дзы фыдвӕнды хабар райхъуысти, зӕгъгӕ, уӕд амӕлдзӕн».


Ӕмӕ уыцы хъуыддаг тӕригъӕды ӕппӕрста Йоровамы мыггаджы, сӕфтмӕ йӕ кодта, бынсӕфт-быныскъуыдмӕ йӕ тардта.


Уый хаста нывӕндтӕ Дамаскы хуыцӕуттӕн, афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыдон басастой. Уый дзырдта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц. Цӕй ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕссон, кӕд мӕнӕн дӕр баххуыс кӕниккой». Фӕлӕ йын уыдон йӕхи дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмы дӕр ӕрмӕстдӕр сӕфтмӕ ӕркодтой.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ тыхсты сахат Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон, ӕмӕ мын Уый дзуапп радта.


Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг, мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»


Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?


Сыгъдӕгзӕрдӕйӕн Дунедарӕджы фӕндаг — хъахъхъӕнӕг мӕсыг, фыдгӕнӕджы та тасы ’фтауы.


Фӕлитойтӕ Дунедарӕгӕн ӕлгъаг сты, раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдон та — ӕхцон.


Рӕстзӕрдӕйы йӕ сыгъдӕг зӕрдӕ размӕ кӕны, фӕлитойы йӕ мӕнгарддзинад фесафы.


Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ: ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan