Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Рӕстудӕн мӕнг ныхас ӕнӕуынон у, ӕнӕхуыцау та йӕхи сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг кӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 13:5
16 Iomraidhean Croise  

Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы, ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.


Фыдгӕнӕджы фӕдыл цӕуы ӕлгъ, ӕнаккаджы фӕдыл — худинаг.


Куырыхонтӕ скадджын уыдзысты, зондцухтӕ та худинаджы бын фӕуыдзысты.


тутт ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ мӕм хӕстӕг ма ’рбауадз; хъӕздыгдзинад мын ма ратт, мӕгуырӕй дӕр мӕ бахиз; цӕрыны фаг мын дӕтт къӕбӕр,


хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххосты марӕг къухтӕ,


уарзт ӕмӕ ӕнӕуынондзинадӕн; хӕст ӕмӕ фидыдӕн.


Уым ӕрымысдзыстут уе ’ппӕт фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт митӕ, уӕхи-иу кӕмӕй фӕчъизи кодтат, уыдон ӕмӕ уе ’наккаг митыл ӕрхуддзыстут.


Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.


Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.


Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.


Кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут уӕ зӕронд ӕрдзыхъӕдӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


Самсон ын дзуапп радта: «Пайда кӕмӕй нӕма кодтой, ахӕм ног бӕндӕнтӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ тых фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг лӕджы хуызӕн суыдзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan