Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 13:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы, фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 13:25
17 Iomraidhean Croise  

Фидар бындурыл ӕрӕвӕрдтай зӕхх ӕмӕ йӕ бынатӕй никуы фӕиртӕсдзӕн.


Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»


Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг, Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ; Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Дунедарӕг рӕстуды ’ххормагӕй нӕ ныууадздзӕн, фӕлӕ, ӕнӕхуыцау сыдӕй куы мӕла, уӕд ыл Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона, иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.


ӕмӕ дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕн гӕвз, абырӕгау — мӕгуырдзинад.


уӕд дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕнис мӕгуырдзинад, абырӕгау ӕрбацӕудзӕни гӕвз.


Куы ницыуал ӕм баззад, уӕд уыцы бӕстӕйы стонг заман скодта, ӕмӕ хъуаг ӕййафын райдыдта.


уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты.


Стонгӕй мӕлдзысты, тӕвднизӕй сӕйдзысты, рын сыл сыстдзӕни. Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты, калмы маргӕй цагъды кӕндзысты.


Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд».


Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.


Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan