21 Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.
Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».
Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы.
Мӕ зӕрдӕ сӕнкъуысы мӕ мидӕг, мӕлӕтдзаг тасӕй уадзыгау фӕдӕн.
Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.
Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы, фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны, уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.
Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн.
уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы ’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис, ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты.
Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ӕрбацӕуы фыдбылыз.
Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».