20 Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Уацары акодтой Аврамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.
Йе ’мгӕрттӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ фыд ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ дын цы адӕм дзурынц, уыдонӕн афтӕ зӕгъ: „Мӕ кӕстӕр ӕнгуылдз мӕ фыды агъдӕй ставддӕр у,
Фӕлӕ Роховам ницӕмӕ ӕрдардта хистӕрты уынаффӕ ӕмӕ бафарста йе ’мгар лӕппуты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:
Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд загътой, уый Израилы паддзах уыдзӕни, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ныхмӕ хӕст самадтой. Фӕлӕ Иосафат тохы хъӕр куы ныккодта,
Иосафаты бафарста: «Галаадаг Рамотмӕ бабырсыны фӕнд мӕм ис, ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзынӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, афтӕ».
Фӕлӕ Роховам хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ бафарста йе ’мгӕртты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:
Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.
Ахавы байзӕддӕгты фӕзмгӕйӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ уынаффӕгӕнджытӕ уыдон уыдысты ӕмӕ йӕ сӕфтмӕ ӕркодтой.
Зондамындыл йӕхи чи атигъ кӕна, уый сӕгад ӕмӕ сгӕвзыкк уыдзӕн; зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уый та — кадджын.
Ӕдылыйӕ дӕхи дард лас — зондджын ныхас дзы нӕ фехъусдзынӕ.
Раст уайдзӕфтӕм чи хъусы, уый куырыхонтимӕ балымӕн уыдзӕн.
Мӕстыгӕримӕ ма лымӕн кӕн, загъдӕргомӕй дӕхи дард лас,
науӕд йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сахуыр уыдзынӕ ӕмӕ къӕппӕджы аирвӕздзынӕ.
Йӕ хӕдзар — фӕндаг мӕрдтыбӕстӕм, ингӕнмӕ дӕ батӕрдзӕн».
Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»
Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы».
Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой.
Кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уӕм, кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.