Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 13:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Цыргъзонд зондимӕ архайы, ӕдылы та йе ’рра митӕй бӕрӕг дары.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 13:17
15 Iomraidhean Croise  

Дзымари дзых смаст кӕны, фӕздӕг цӕстытӕ къахы, магуса дӕр йе ’рвитджытӕн — уыдоны ’нгӕс.


Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона, иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.


Хуымгӕрдӕнты тӕмӕны — уазал мит — уый ӕнгӕс у ӕууӕнкджын минӕвар йе ’рвитӕгӕн; йӕ хицауы зӕрдӕ дзы райы.


Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.


Фӕнды дӕ къӕхтӕ сӕ рӕбынӕй алыг кӕн кӕнӕ фыдбылызы бахау, фӕнды дӕ хъуыддаг ӕдылыйӕн бабар кӕн.


Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕнаккагӕн, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, ӕмӕ йын ды зонд куынӕ амонай, уыцы ӕнаккаг фӕндагӕй раздӕх ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ, зӕгъгӕ йын куынӕ дзурай, уӕд ӕнаккаг амӕлдзӕни йӕ тӕригъӕды аххосӕй, фӕлӕ йын Ӕз йӕ туг исдзынӕн дӕуӕй.


Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.


Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын ис, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.


Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.


Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.


Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,


Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan