14 [Мӕнгард фырт хорзӕй ницы ссардзӕн; ӕмбаргӕ цагъар йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын.]
афтӕмӕй ӕппӕт зӕххыл азӕлы сӕ хъӕлӕс, дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ айхъуысти сӕ ныхас. Уый хурӕн цатыр сӕвӕрдта уӕлӕрвты,
Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн, уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.
Зондджын царды фӕндагыл хӕрдмӕ цӕуы, мӕрдтыбӕстӕй йӕхи бахизы.
Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.
Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.
Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.
Арфӕгонд уӕд дӕ зонд, арфӕгонд у дӕхӕдӕг дӕр, уымӕн ӕмӕ мӕ абон баурӕдтай туг ныккалынӕй ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсынӕй.