11 Хӕлофӕй цы ’фтиагыл фӕхӕст уай, уый уайтагъд фӕцыдӕр уыдзӕн, чысылгай цы мулк фембырд кӕнай, ууыл ма ноджыдӕр бафтдзӕн.
Цы мулк аныхъуырдта, уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, — Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн.
ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.
Мӕнг хъуыддӕгты фӕрцы дӕ къухы цы хӕзнатӕ бафтой, уыдонӕй пайда нӕй; раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд мӕлӕтӕй фервӕздзынӕ.
Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕдарӕн куы не ’ххӕст кӕна, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕлмӕцгӕ кӕны, чи сӕххӕст ис, уыцы бӕллиц та — царды бӕлас.
Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай, уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.
Мӕнгдзинады фӕрцы йӕхицӕн мулк чи самал кӕны, уый тагъдивгъуыйаг уддзӕфы, мӕлӕты фӕдыл зилы.
Иузӕрдион адӕймаг — сӕдӕ хатты арфӕгонд, мулкыл хӕлоф чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны, йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.
Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.
Мады гуыбынӕй бӕгънӕгӕй рацыд, ӕмӕ дунейӕ дӕр афтӕмӕй ацӕуы, йӕ исбонӕй йемӕ ницы ахӕссы.
Хуыргарк, йӕхӕдӕг кӕй не ’рӕфтыдта, уыцы ӕйчытыл къуыртты фӕбады. Уый ӕнгӕс у, мӕнгард миты фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыцы адӕймаг. Йӕ кары тӕмӕны алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн ӕмӕ ӕдылыйы бынаты баззайдзӕн.