Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 13:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 13:1
13 Iomraidhean Croise  

Иосафат алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыд Асайы, ӕндӕр фӕндагыл никуы ныллӕууыд ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кодта Дунедарӕджы фӕндон. Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы уаз къуыппытыл.


Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы, куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы.


Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.


Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы, куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.


Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.


Ӕдылы йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары, уайдзӕфтӕм лӕмбынӕг чи хъусы, уый зондджын у.


Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъусут лӕмбынӕг.


Адӕймаг адӕймаджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд ын, чи зоны, ӕмӕ Хуыцау ныххатыр кӕна, фӕлӕ адӕймаг Дунедарӕджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд та йын чи ныххатыр кӕндзӕн?» Фӕлӕ фырттӕ сӕ фыды уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ралгъыста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan