7 Ӕнӕхуыцау ӕрхауди — ӕмӕ нал ис, рӕстуды хӕдзар нӕ фенкъуысдзӕн.
Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“».
Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Израилы Хуыцау — Уӕларвӕфсады Бардарӕг“. Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг.
Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты.
Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Сӕ хъуыддӕгтӕ сын хорз зоны ӕмӕ сӕ иу ӕхсӕвмӕ фесафы.
О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.
Зилгӕ дымгӕ рацыди — ӕнӕхуыцау фесӕфти, рӕстуд та мыггагмӕ фидар уыдзӕн.
Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
Зондджын ныхас адӕймаджы скадджын кӕны, ӕнахъинон зондахаст — ӕгады хос.
Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.
Ӕнӕхуыцауы хӕдзар ныззыгуым уыдзӕн, рӕстуды хӕдзар — дидинӕфтыд.
Дунедарӕг сӕрыстырты хӕдзӕрттӕ фехалы, фӕлӕ идӕдзы арӕнтӕ хъахъхъӕны.