6 Ӕнӕхуыцауы ныхӕстӕ — туг ныккалынӕн асадӕн, фӕлӕ рӕстуды ’взаг адӕмы фервӕзын кӕны.
Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл, ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы.
Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ ехс, куырыхоны та йе ’взаг хъахъхъӕны.
Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.
Мӕ адӕмы ’хсӕн ис фыдгӕнджытӕ. Мӕргъты чи ахсы, уыдонау рӕсӕны бабадынц, адӕмы ахсынӕн сӕвӕрынц къӕппӕджытӕ.
Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты.
Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».
Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.