4 Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Хуыйӕн йӕ бырынчъы сыгъзӕрин хъусцӕг куы бакӕнай, раст уый ӕнгӕс у рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕзонд сылгоймаг.
Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл, ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы.
Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.
Зӕрдӕ сабыр куы уа, уӕд буар дӕр ӕнӕниз уыдзӕн, хӕлӕгдзинадӕй стджытӕ ӕмбигӕ кӕнынц.
Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн.
Ӕнӕзонд ӕмӕ загъдӕргом усимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры иунӕгӕй цӕр.
Фыдсылимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау уӕлхӕдзары кӕрон цӕр.
хъахбай сылгоймаг мой куы скӕны; унӕут ӕхсины бынат куы бацахсы.
«Кады аккаг сылгоймӕгтӕ бирӕ уыди, фӕлӕ ды се ’ппӕты дӕр амбылдтай!»
Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.
Ӕниу ног царды, Бардарӕджы раз, сылгоймагӕн нӕлгоймаг куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у сылгоймаг дӕр нӕлгоймагӕн.
Нӕлгоймаг бӕгъӕмсар хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй кадджын у; сылгоймаджы кад та нӕлгоймагӕй у.
Уӕдӕ афтӕ, мӕ къона: тӕрсгӕ ма кӕн, цыдӕриддӕр загътай, уыдӕттӕ дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ хӕрзӕгъдау сылгоймаг кӕй дӕ, уый нӕ сахар иууылдӕр зонынц.