26 Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн, ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.
Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.
Адӕймаджы зӕрдӕ мӕтӕй сфӕлмӕцы, хорз ныхасӕй та схъӕлдзӕг вӕййы.
Магуса ӕфтиаджы ад нӕ зоны, куыстуарзаг та мулк ӕмӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух не ’ййафы.
Фыдвӕндтӕ чи аразы, уымӕн йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн, хорз хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыимӕ сты рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад.
Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.
Бирӕзонаг ныхас кӕны хъавгӕйӕ, зондджын фидарзӕрдӕ у.
Ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз ныффыстон, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй.
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.
Фыццаг сырды номӕй йын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй, кардӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт.