25 Адӕймаджы зӕрдӕ мӕтӕй сфӕлмӕцы, хорз ныхасӕй та схъӕлдзӕг вӕййы.
Нымад бонтӕ мын ӕрбарстай, мӕ цардӕмгъуыд ницы у Дӕ разы. Ӕцӕг, адӕймагӕн йӕ цард фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн, ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.
Зӕрдӕ цин куы фӕкӕны, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы; зӕрдӕйы маст — уды хъынцъым.
Ӕнамонд адӕймаг цӕрӕнбонты — ӕрхӕндӕг, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕ та алы бон дӕр — куывд.
Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
Рухс цӕстӕнгас зӕрдӕйӕн цин хӕссы, хорз уац лӕджы стӕгвидар кӕны.
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос, ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны.
Ныхасмӕ кӕронмӕ ма байхъус, афтӕмӕй дзуапп ратт — уый ӕдылыдзинад ӕмӕ худинаг у.
Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ — уыдоны ’нгӕс у афоныл загъд ныхас.
Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Дунедарӕг, мемӕ цы зӕд дзырдта, уымӕн хӕлар ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй дзуапп радта.