24 Кусаг къух хицауиуӕг кӕндзӕн, магусатӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бегара.
Уый федта, йӕ улӕфӕн бынат куыд хорз у, бӕллиццаг кӕй у уыцы зӕхх, ӕмӕ йе уӕхск бадардта уаргъмӕ — цагъары куыстыл сразы ис.
Йоровам та ӕрыгон, фӕлӕ сӕрӕн лӕг уыд. Ӕмӕ, хъуыддаджы лӕг кӕй у, уый Соломон куы федта, уӕд ӕй Йосеф ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл бегарайы куыстытӕм скодта цӕстдарӕг.
Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се ’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.
Зивӕггӕнаг къухтӕ мӕгуырмӕ ’ркӕнынц, кусаг къухтӕ — хъӕздыгдзинадмӕ.
Магуса ӕфтиаджы ад нӕ зоны, куыстуарзаг та мулк ӕмӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух не ’ййафы.
Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы, ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.
Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн, ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн.
Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.
Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»
Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.
Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой.