21 Раст адӕймагыл фыдбылыз не ’рцӕудзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг.
Фарн уӕд дӕ систы ӕхсӕн, ӕнӕфыдбылыз уӕнт дӕ галуантӕ!»
Де знӕгтӕ, Дунедарӕг, Де знӕгтӕ бабын уыдзысты ӕцӕгдӕр, фыдгӕнджытӕ алырдӕмты фӕлидздзысты.
уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.
Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй, фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».
Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
Фыдвӕндгӕнӕджы зӕрдӕйы — мӕнгарддзинад, фидауынгӕнджытӕм — циндзинад.
Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.
Дунедарӕгӕй тас цардмӕ кӕны, уыцы тасӕй йемыдзаг чи у, уый фынӕй кӕны ӕнӕмӕтӕй, фыдбылыз ӕм нӕ баххӕсдзӕн.
Фӕндаджы астӕуыл хӕц — Хуыцауӕн кад чи кӕны, уый йӕхи алцӕмӕй дӕр бахиздзӕн.
Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.
Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!
Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.
Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.
Хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза?
Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.