Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 12:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фыдвӕндгӕнӕджы зӕрдӕйы — мӕнгарддзинад, фидауынгӕнджытӕм — циндзинад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 12:20
16 Iomraidhean Croise  

Ахавы байзӕддӕгты фӕзмгӕйӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ уынаффӕгӕнджытӕ уыдон уыдысты ӕмӕ йӕ сӕфтмӕ ӕркодтой.


Ӕнӕхуыцау йӕ быцъынӕг скъуыны хинмӕ, фӕлӕ рӕстуды уидаг талатӕ суадзы.


Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ, мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ.


Раст адӕймагыл фыдбылыз не ’рцӕудзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг.


Зоныс ӕй, ӕз Дӕумӕ фыййауӕй кусынмӕ нӕ бӕллыдтӕн, бӕллӕхы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кастӕн. Мӕ дзыхӕй цы ссыди, уыдӕттӕ Дын ӕргом сты.


Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыдзӕни мӕнгард фӕндтӕ, иумӕ фынгыл ӕрбаддзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты. Сӕ иуӕн дӕр йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕнис бӕлвырд рӕстӕджы.


Уый Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн ӕмӕ айсдзӕн Йӕ кад, Йӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕнис ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Сауджын та ӕрбаддзӕнис йӕхи бынаты, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрдзысты фидыдӕй.


Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ — Хуыцауы хъӕбултӕ сӕ схондзысты.


Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;


Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan