18 Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
Сӕ марг у калмы марг, сӕхӕдӕг та, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, кӕлӕнгӕнӕджы хъӕлӕс ма фехъусон, зӕгъгӕ, уыцы маргджын калмау.
цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм фервӕзой. Дӕ рахиз къухӕй нӕ фервӕзын кӕн, нӕ куывд нын фехъус.
Ды адӕймагӕн хъусыс йӕ куывд, Дӕу агуры алчи.
Цӕсгомджын адӕймаг рӕстдзинад дзуры, мӕнгӕвдисӕнӕн йӕ ныхӕстӕ мӕнгард сты.
Цыргъзонд зондимӕ архайы, ӕдылы та йе ’рра митӕй бӕрӕг дары.
Сабыр ныхас — царды бӕлас, сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.
Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Йӕ хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууы, уый у старц, кард ӕмӕ цыргъ фаты ’нгӕс.
уымӕн ӕмӕ уыдон, чи сӕ схайджын ис, уымӕн цард дӕттынц, ӕгас буарӕн — ӕнӕниздзинад.
Адӕмы ’хсӕн куырыхон чи уа, уыдон бирӕты раст фӕндагмӕ здахдзысты, фӕлӕ цасдӕр рӕстӕг ӕфхӕрд ӕййафдзысты: кардӕй сӕ мардзысты, арты сӕ судздзысты, уацары сӕ кӕндзысты, сӕ мулк сын исдзысты.
Йӕ рахиз къухы — авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыкомыг цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн.
сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.