17 Цӕсгомджын адӕймаг рӕстдзинад дзуры, мӕнгӕвдисӕнӕн йӕ ныхӕстӕ мӕнгард сты.
Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Рӕстӕвдисӕн адӕмы фервӕзын кӕны, мӕнгӕвдисӕн улӕфы мӕнгдзинадӕй.
Рӕстӕвдисӕн сайгӕ нӕ кӕны, мӕнгӕвдисӕн мӕнгдзинадӕй улӕфы.
Мӕнгӕвдисӕн тӕрхондонӕй хынджылӕг кӕны, ӕнӕхуыцау тӕригъӕдтӕй ӕфсӕды.
Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлитой нӕ фервӕздзӕн.
Мӕнгӕвдисӕн фесӕфдзӕн, фӕстаг ныхасы бар ӕрхаудзӕн, алцы чи фехъуыста, уымӕ.
Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу — сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй.
мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг.
Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ;
Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.
Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын амарыны тӕрхон рахӕссой.
Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ.
Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.