15 Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы, куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы.
Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,
Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.
Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
Адӕймагмӕ иуӕй-иу фӕндаг раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.
Зондджын фыдбылызӕй тӕрсы, ӕмӕ дзы йӕхи хъахъхъӕны, ӕдылы та — нӕрӕмон ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.
Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.
Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
Адӕймагмӕ йӕ алы фӕндаг дӕр раст фӕкӕсы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы, ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ? Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.
Магуса йӕхимӕ, ахъуыдыгӕнгӕйӕ, дзуапп чи ратты, ахӕм авд лӕгӕй зондджындӕр кӕсы.
Хъӕздыг йӕхимӕ куырыхон кӕсы, фӕлӕ йӕ зондджын мӕгуыр лӕг раиртасы.
Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —
Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.
Куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн, раст адӕймаджы сахуыр кӕн, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн.
Мӕгуыр ӕмӕ зондджын лӕппу, уынаффӕтӕм чи нӕ хъусы, ахӕм ӕдылы ӕмӕ зӕронд паддзахӕй хуыздӕр у.
Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.
Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы.