13 Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.
алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд — ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ! Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт мӕ ном, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном! Дунейыл ӕнӕнымӕц бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»
Фӕлӕ ахӕм уыди Давиды дзуапп Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Баанайӕн, бееротаг Риммоны фырттӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, алы фыдбылызӕй мӕ Чи фервӕзын кодта, Уымӕй:
Ӕмӕ паддзах Соломон сомы ракодта Дунедарӕгӕй: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Адониа йӕ уыцы курдиаты тыххӕй мард ӕрцӕудзӕн!
Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!
Фидыды кой сӕм нӕй, зӕххыл сабырӕй чи цӕры, уыдоны ныхмӕ аразынц фыдвӕндтӕ.
Къӕйных нӕ фӕлӕудзӕн Дӕ разы, ӕнаккӕгтӕ ӕнӕуынон сты Дӕуӕн.
Уый Ды нӕ уыдзынӕ, нӕ Хуыцау? Де ’ргом нӕ куы аздӕхтай, не ’фсадимӕ хӕстмӕ куынӕуал цӕуыс!
Тыхст заманы нын баххуыс кӕн, — адӕймагыл зӕрдӕ дарӕн нӕй.
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн.
Рӕстуд фервӕзы фыдбылызӕй, йӕ бӕсты дзы бахауы ӕнӕхуыцау.
Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕхи фыдбылызтӕй хъахъхъӕны.
уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.
Фӕндаджы астӕуыл хӕц — Хуыцауӕн кад чи кӕны, уый йӕхи алцӕмӕй дӕр бахиздзӕн.
Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.
Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»
Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,