Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 12:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕнӕхуыцау йӕ быцъынӕг скъуыны хинмӕ, фӕлӕ рӕстуды уидаг талатӕ суадзы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 12:12
18 Iomraidhean Croise  

Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй Сионы чызджы кулдуары раз, цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — фидар мӕсыг, мӕгуыр лӕгӕн йӕ мӕгуырдзинад — йе сӕфт.


Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы, куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ’лвасы.


Ӕнӕхуыцау фыддзинадмӕ бӕллы, йӕ хионыл дӕр нӕ ауӕрды.


Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.


Уӕд та, Иудӕйы байзӕддагӕй чи фервӕза, уыдон ауадздзысты арф уидӕгтӕ ӕмӕ ратдзысты хъӕздыг тыллӕг.


Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.


Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan