Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 12:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 12:11
23 Iomraidhean Croise  

Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.


Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх Дунедарӕгӕй курын, иунӕг фӕндон мӕм ис: мӕ царды бонтӕ куы арвитин Дунедарӕджы хӕдзары, цӕмӕй Дунедарӕджы рӕсугъддзинад уынон, Йӕ рухс Кувӕндонмӕ Йын цӕуон.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Хӕларзӕрдӕ адӕймаг йӕ цоты цотӕн бынтӕ ныууадзы, тӕригъӕдджыны исбон та — рӕстуды хай.


Алы уӕззау куыстӕй дӕр исты ’фтиаг разыны, дзӕнгӕдайӕ та — ӕрмӕст мӕгуырдзинад.


Галтӕ кӕм нӕй, уым хордон — афтид; хъаруджын галтӕ кӕм уа, уым тыллӕг бирӕ уыдзӕн.


Кӕд фынӕй кӕнын уарзыс, уӕд мӕгуырмӕ ’рцӕудзынӕ, дӕ цӕстытӕ ма бацъынд кӕн ӕмӕ ӕфсӕст уыдзынӕ.


сӕгъы ’хсыр дӕм фаг уыдзӕн, цӕмӕй дӕ бинонты ӕмӕ дӕ унӕутты бафсадай.


Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, йӕ тутт бӕллицты фӕдыл чи зилы, уый та мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис.


Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.


хуымӕтӕг адӕмы астӕу, фӕсивӕды ’хсӕн, иу ӕнӕзонд лӕппуйы бафиппайдтон.


Ӕдылыдзинад у ӕнӕзонд, хъӕргӕнаг ӕмӕ ӕнӕфенд сылгоймаджы ’нгӕс.


«Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!» Ӕнӕзӕндтӕн зӕгъы:


Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»


Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг, уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы, ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ, Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.


Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.


Нӕ къӕбӕр лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕй батыхсын кӕнӕм.


Баал-Бериты кувӕндонӕй йын дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы ӕвзист радтой. Уыцы ӕхцайӕ уый алы фыдгӕнджытӕ ӕмӕ дзӕгъӕлдзуты баххуырста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan