10 Рӕстуд йӕ фосыл дӕр мӕт кӕны, ӕнӕхуыцауӕн йӕ хорзӕх дӕр — залым мийӕ фыддӕр.
Фӕлтау хуымӕтӕгӕй цӕр ӕмӕ дӕхицӕн лӕггад кӕн, дӕхицӕй номджын лӕг аразгӕйӕ, къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафыны бӕсты.
цалынмӕ уӕм не ’рбацӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ кӕм ис, уыцы зӕхмӕ.
Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис?
Уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт». Хуыцауы мӕт, мыййаг, галтыл у?
Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт.
Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?
Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.
Аммонаг Нахаш сын дзуапп радта: «Уемӕ цӕдис скӕндзынӕн. Ӕцӕг уӕ хъуамӕ алкӕмӕн дӕр йӕ рахиз цӕст сӕппарон, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт Израилы дӕр ӕгады бынаты сӕвӕрон».