1 Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у.
Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»
Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис; Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ.
О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!
Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн.
Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.
Дунедарӕг уарзы хӕларзӕрдӕ адӕймаджы, мӕнгарды та Йӕ азар баййафы.
Раст фӕндаг чи ныууагъта, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый фесӕфдзӕн.
Хивӕнд, йӕхи цы фӕнды, уый кӕны, раст уынаффӕ куы фехъусы, уӕд та загъд ракъахы.
Адӕмы ’хсӕн нӕй мӕнӕй ӕнӕфенддӕр, адӕймаджы зонд мӕм нӕй.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!
Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».
Гал зоны йӕ хицауы, хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс, израилӕгтӕ та нӕ зонынц, Мӕ адӕм та не ’мбарынц».
Сауджын ӕм ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ буарыл урс тӕппал куы фӕзына, тӕппалыл цы хъуынтӕ ис, уыдон куы сурс уой, йӕ хъӕдгом та уыцы ран куы фегом уа,
Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфты къахыл лӕуджыты — уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад.