Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды, рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:9
26 Iomraidhean Croise  

Израилы паддзах фӕсидти пехуымпартӕм, иу-цыппарсӕдӕ лӕгмӕ, ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» «Схӕц, — дзуапп ын радтой уыдон, — Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн».


цӕмӕй паддзахиуӕг ма кӕна ӕнӕхуыцау ӕмӕ адӕмӕн ахсӕн хыз ма феста.


Афтӕ у, Хуыцауы чи ферох кӕны, уыдоны хъуыддаг дӕр, ӕнӕхуыцау адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ амӕлы.


мӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?


Рӕстзӕрдӕты сӕ раст зонд фервӕзын кӕны, мӕнгӕрдтӕ та сӕ монцты уацары бахауынц.


Рӕстуд фервӕзы фыдбылызӕй, йӕ бӕсты дзы бахауы ӕнӕхуыцау.


Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.


Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.


Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.


Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.


Ӕцӕгад цыма нӕ зонут, уый тыххӕй уӕм, мыййаг, нӕ ныффыстон, фӕлӕ йӕ кӕй зонут, стӕй, кӕцыфӕнды мӕнгдзинад ӕцӕгадӕй кӕй нӕ рацӕуы, уый дӕр уын зындгонд кӕй у, уый тыххӕй.


Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan