6 Рӕстзӕрдӕты сӕ раст зонд фервӕзын кӕны, мӕнгӕрдтӕ та сӕ монцты уацары бахауынц.
Мӕ цӕсгом дӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый базондзынӕ, мӕ мыздӕн цы фос равзӕрстон, уый фенынмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд. Сӕгътӕй гӕрӕм, стӕй тӕппытимӕ чи нӕ разына, фыстӕй та сау чи нӕ уа, уыдон мын-иу давдыл банымай».
Ме ’ппӕт дзауматӕ дӕр мын басгӕрстай ӕмӕ мӕм дӕхионӕй цы ссардтай? Ӕрӕвӕр-ма сӕ ам мӕ хиуӕтты раз, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн тӕрхонгӕнӕг фӕуӕнт!
Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд!
Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй Сионы чызджы кулдуары раз, цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды, рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца.
Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сахары ’рдӕм сӕ ных сарӕзтой. Бениамины хӕстонтӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, кӕй сӕ басастой, уый.