Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 11:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 11:31
15 Iomraidhean Croise  

Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ.


Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, Йӕ разы сыгъдӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!


ӕмӕ уазӕг адардта йӕ фӕндаг. Иу ран Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгыл иу домбай йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта, ӕмӕ йӕ мард фӕндагыл баззад. Хӕрӕг ӕмӕ домбай дӕр лӕууыдысты йӕ разы.


Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у.


Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.


Ӕнӕзӕндты кӕнӕ кӕйфӕнды дӕр куыстмӕ чи исы, уый у, фӕд-фӕдыл се ’ппӕты дӕр чи ӕхсы, уыцы фатӕхсӕджы ’нгӕс.


«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы ’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Афтӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты левиттӕ дӕр, Израил йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл, уӕд Мӕ чи ныууагъта ӕмӕ гуымирытӕм кувын чи райдыдта, уыдон.


Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan