29 Йӕ хӕдзарыл фыдбылыз чи ӕфтауы, уымӕн йӕ хай — дымгӕ; ӕдылы лӕггад кӕндзӕн куырыхонӕн.
Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»
Фыдгӕнджытӕ ӕркъул уыдзысты хӕларзӕрдӕ адӕмы раз, ӕнӕхуыцӕуттӕ — рӕстуды кулдуары цур.
Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
Цӕрӕнбонты хӕры талынджы, бирӕ хӕрамдзинад, рыст ӕмӕ зӕрдӕхудтытӕ бавзары.
Дымгӕ кӕм байтыдтой, уым уад ӕркӕрддзысты. Сӕ хуымы ӕфсиртыл иу нӕмыг дӕр куынӕ уа, уӕд ӕнӕ хорӕй баззайдзысты. Куы уа, уӕд та — ӕцӕгӕлӕттӕн хӕринаг.
Ныр ахъуыды кӕн, цы гӕнгӕ дын у, ууыл. Не ’лдар ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ фыдбылыз кӕсы, фӕлӕ фыдӕбоны лӕг у, ӕмӕ йӕм дзурӕн нӕй».
Иу дӕс боны фӕстӕ йӕ Дунедарӕг ӕрцавта, ӕмӕ амард.