26 Йӕ мӕнӕу чи ’мбӕхсы, уый адӕм ӕлгъитгӕ кӕнынц, фӕлӕ дзы чи уӕй кӕны, уый арфӕты бын фӕуыдзӕн.
Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.
Мысыр ӕмӕ Ханааны цӕрджытӕн хор уӕй кӕнгӕйӕ, Йосеф ӕрбамбырд кодта, цыдӕриддӕр сӕм ӕвзист уыди, уый, ӕмӕ йӕ фараоны хӕзнадонмӕ бахаста.
Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон, уый мын-иу раарфӕ кодта, мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.
Рӕстуды сӕрыл — арфӕты кады худ; ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
Аххосджынӕн, раст дӕ, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый адӕмтӕ ’лгъитдзысты, знӕмтӕн ӕнӕуынон суыдзӕнис.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.